МÆНМÆ ИС ИУ БÆЛЛИЦ
Адзалыл, чи зоны, æмбæлон...
Куы ʼрцъынд уа а зæххыл мæ цæст,
Кæнæ та дард бæсты куы мæлон,—
Мæнмæ ис иу бæллиц æрмæст...
Мæнмæ ис иу бæллиц: уæлмæрдæн
Æз райсин сау хæхты лæгæт, —
Куы ʼрцæуин уарзондæр æмгæрттæн
Сæ къухæй айнæгыл ныгæд...
Цæмæй йæ хай æз бауон æрдзæн,
Йæхирдæм байса мæн нæ хох...
Мæ сæрмæ — урсдзыкку æхсæрдзæн,
Мæ бынмæ — сатæг хъæды къох...
Цæмæй-иу хурзæрины скастæй
Мæ фарсмæ ссудза стыр мæсыг,
Хæххон зымтæн сæ сæууон уасты
Æнкъарон цинад æмæ хъыг.
Æврæгътæн се скъуыдты уæлиау,
Æмбæхсдзæн арвæйгуырд цæргæс...
Куы зара хуссарварсæй фыййау,—
Мæн уа йæ уадындзы хъæлæс.
Цæмæй дзæбидыртæ мæ цурты
Кæной сыкъакъæрцгæнгæ дугъ,
Æвзила дымгæ сау къæйдурты,
Мæ уæлæ згъора уады ʼфсургъ.
Цæмæй мын дидинджытæн къулæй
Сæ улæфт рог уддзæф хæсса,
Цæмæй мæм бæрз бæлас сæркъулæй,
Йæ налхъуыт згъалгæйæ, кæса...
Нæ рæгътæ — ме ʼруад буар, нæ дæттæ —
Мæ туджы байсысинаг цъыртт.
Мæ ингæн фестæнт-иу нæ кæмттæ,
Нæ хæхтæ фестæнт-иу мæ цырт!
1957
—————————
ГИТАРÆ
Æрхæндæг гитарæ,
Цы ныхъхъус дæ, зæгъ?
Мæ рох азты зарæг
Ды ногæй æрцæгъд.
Уынгæгхъуырæй райдай
Ды дзурын мæ маст,
Мæ кæддæры катай,
Мæ кæддæры уарзт...
Дæ тæлфын, дæ зæлтæ,
Дæ тæнты зыр-зыр —
Уый фестад мæ зæрдæ
Дæуæнгæс фæндыр...
Мæхи та æвзонгæй
Ныртæккæ уынын,
Бæгъæввад, уæнгрогæй
Нæ рæгътыл тæхын...
Хæцъил гугу худы
фæуайын сæгъгæс,
Кæуын æви худын,—
Нæ хатын уый æз.
Кæдæм-иу фæхæццæ
Мæ цыбæл, мæ дис? —
«Уастырджийы лæдзæг»,
Ехх, арвæй æрис!..
Сæуæхсиды уæфт æй
Хæдойнæгтæ скæрд,
Æврагъы фæскъæуттæй
Нымæтхудтæ скæн!
Хъæриу-хохы сау рындз
Уæд сайдта мæ цæст, —
Ацæмæзы уадындз
Кæд уым у æмбæхст.
Уый не ʼфтыд мæ къухы:
Цæуæн æм нæ уыд.
Цыдæр ног хъуырдухæн
Мæ риуы фæзынд...
Кæцæйдæр мæм сидти
Æнахуыр хъæлæс —
Уый зарыди цъити,
Уый зарыди бæрз.
Уый — хъамылджын астым,
Уый — дурджын лæбырд,—
Æппæт хъæр-цъæхахсты
Кæд ахстон мæ дзырд...
Æз кастæн кæдæмдæр
Æнхъæлцау хуызæй.
Æз тарстæн цæмæйдæр,
Нæ зыдтон — цæмæй.
Цæй фæдыл — мæ цин та? —
Нæ йæ ʼмбæрстон фаг.
Æрттывта æвзистау
Мæ даргъ развæндаг...
Цæуын ыл куыд хъæудзæн,
Цы уад мæ хæсдзæн,
Цы хорз мыл æрцæудзæн,
Цы фыд мæм кæсдзæн...
Мæ рох азты зарæг
Ныууагъта йæ фæд...
Гитарæ, гитарæ,
Æгъгъæд цæгъд, æгъгъæд!
(1955)
—————————
***
Дæ нымд фæныдзæвгæ фæкасты —
Æхцон, зæрдæагайæн тас.
Цæуы нæ хаттæй-хатт æмдзасты
Æмыр, æнæдзургæ ныхас.
Мæ хъуыды — гом тыгъды æмбæрцау,
Мæ монц дæр уый æмас хæссын.
Æдзух цыдæр сусæг æнхъæлцау
Дæ зæххон рацыдмæ кæсын.
Цыма бындзарфæлдæхтæй фендæр
Мæ уды мидконды нывæст.
Философ, маг æмæ поэт дæр
Дæ уындæй басгуыхин æрмæст!
(20. I.1983)
———————
***
Нæ дунетæм ракæс мæ цæстæй,
Мæ хъустæй æмбæхст уынæр хъус.
Дæ хъуыды мæ сæнттыл æмхæстæй
Фæлæууæд сæ агъуды цъус
Нывæрæд мæ тæхгæ сыгъдæг монц
Дæ рæууон зæрдæйы йæ уаг!
Æндæры цæсгомы мæ фæлгонц
Кæд фенин уысмы бæрц, мыййаг!
(7. III.1983)
———————
МЕ ʼРЫГОН АЗТÆ
Абон, кæддæрау, дæ цæрæнтæм кастæн,—
Хохаг къæс айнæгыл — сагъд...
Ме ʼрыгон азтæ,
Ме ʼрыгон азтæ,
Ногæй æрцæут мæм тагъд!
Зæрдæ дæм адзæгъæл, сонт зæрдæ, уастæн...
Хъусын дæ фæндыры цагъд...
Ме ʼрыгон азтæ,
Ме ʼрыгон азтæ,
Ногæй æртæхут мæм тагъд!
Цыма та демæ нæ рæгътыл фæраст дæн,
Саугарк нæ цурæй ыстахт.
Ме ʼрыгон азтæ,
Ме ʼрыгон азтæ,
Ногæй фæзынут мæм тагъд!
Тонæм æрыскъæфтæ... Уаддым æрхаста
Уарынгар арвæй æртах...
Ме ʼрыгон азтæ,
Ме ʼрыгон азтæ,
Ногæй æртæхут мæм тагъд!
Рагбонты сагъæс мæ дардмæ фæласта,
Сусæгæй цæссыг æртагъд...
Ме ʼрыгон азтæ,
Ме ʼрыгон азтæ,
Ногæй æрцæут мæм тагъд!
(1966)
———————
ЦЫ ХОРЗ УАИД!
Сау кусæгмæ
Тухиаг мызд
Фаг куы хауид, —
Цы хорз уаид!
Хуымгæнæгмæ
Йæ фæллойæ
Хай куы заид, —
Цы хорз уаид!
Ехх, раздæрау
Дохтыр хостæ
Куы нын арид, —
Цы хорз уаид!
Ахуырдзинад
Дæ бон райсын
Куы ма бауид, —
Цы хорз уаид!
Ацы æргъты
Уæлæмæ бырст
Куы банцаид, —
Цы хорз уаид!
Давæг-марæг
Ахæстоны
Куы-иу сбадид, —
Цы хорз уаид!
Наркобизнес
Йæ емынæ
Куы нал тауид, —
Цы хорз уаид!
Цал партийы! —
Иу дæр нæм дзы
Куы нал хатид, —
Цы хорз уаид!
Пенсиисæг
Йæ тæригъæд
Куы нал хъарид, —
Цы хорз уаид!
Æвзæр хицау
Йæ бынатæй
Куы фæхауид, —
Цы хорз уаид!
(22.12.98 аз)